Украинæйы президент Петро Порошенко сразы ис æфсæддон комитеты æнхъаримæ, хæстон уавæр райхъусын кæныны уынаффæ æдасдзинады советы рабадтмæ рахæссыны æмæ ацы æнхъарæнæй Уæллаг Радæмæ баздæхты фæдыл. Украинаг медийы хъусинагæй, уый фæдыл Петро Порошенко æдадсзинады советы рабадтыл райхъусын кодта.
Порошенкойы ныхæстæм гæсгæ, хæстон уавæры райхъусын кæнын нæ нысан кæны Украинæйы æрдгæй размæбырсæн мадзæлтты сæххæст.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ йæ хъуыдыйы нæ дары мобилизаци. «Фæлæ хъуамæ уæм цæттæйæ», – бафтыдта ма Петро Порошенко.
Уырыссаг наутæ Украинæйы катертыл Одессæйы наулæууæнæй Мариуполы портмæ змæлды рæстæджы æхст райдыдтой. Инциденты фæстиуæгæн Украинæйы æхсæз æмбæстаг фæцæф сты. Украинæйы президенты минæвары хъусинагæй уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ ныридæгæн 20-æй фылдæр украинаг æфсæддоны æрцахстой.