Петро Порошенко, 2013-2014 азты Майданыл активистты марындзинады хъуыддагыл тæрхондонимæ æмкуысткæнынмæ цæттæ у
Украинæйы президент Петро Порошенко цæттæ у, 2013-2014 азты Майданыл активистты марындзинады хъуыддагыл цæуæг тæрхоны процессы райса хайад. Ацы фидиуæны Петро Порошенко сарызта Майданыл фæмардуæвджыты номарынæн нывонд равдсты бакондыл.
Уыйимæ иумæ Украинæйы президент райхъусын кодта, цæмæй мæсты у уыцы темпæй, кæцыйæ цæуы фæнысангонд хъуыддаг.
«Цыппар азы дæргъы, фылдæр хъуамæ æрцыдаит арызт. Уый тыххæй æмбæстæгтæ мæсты кæй сты æз дæр разы дæн семæ. Фæлæ ацы рæстæджы дзæбæх æмбарын фыдракæнды масштаб æмæ бæлвырдгæнæн документты æмæ процессуалон нормæты сæххæсты вазыгджындзинад дæр» – расидтис Порошенко.
Уæдмæ та Петройы Майданыл активистты марындзинады хъуыддагыл æвдисæндзырд раттынмæ официалонæй фæсидтысты.