Петрас Аустревичус -  идеалон афон у Гуырдзыстонæн,  аскуыддзаг кæна æнæразыдзинæдтæ æмæ рараст кæна аиппытæ
Петрас Аустревичус - идеалон афон у Гуырдзыстонæн, аскуыддзаг кæна æнæразыдзинæдтæ æмæ рараст кæна аиппытæ

Бæрæг уыдзæн,   куы  зæгъæм гуырдзиаг  политиктæн, сæххæст кæнут 12  приоритет. Амæй  æнцонæмбарæн  зæгъын ма ис  гæнæн?  Мæнмæ гæсгæйæ – нæ. Приоритеттæ дзæбæх сты бавдыст  æмæ лыстæггай  райхæлд, фæлæ  та  сæмбæлæм системон   сидтыл, кæцы нырма  ис Гуырдзыстоны политикон  системæйы, – уый фæдыл  европарламентари  Петрас Аустревичус  райхъусын кодта  Европарламенты æддæ ахастыты  комитетыл, цы ран Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ асоциацидзинады  бадзырды сыххæсты фæдыл   резолюци бавдыстой.

Афтæма йæ  дзырдæй,   идеалон афон у  Гуырдзыстонæн,   аскуыддзаг кæна  æнæразыдзинæдтæ æмæ  рараст кæна  аиппытæ.  Петрас Аустревичус  банысан кодта, цæмæй   йæм ныфс ис, ома  хицаугæнæг парти  æрбахондзæн   алы политикон партийы ацы рард  сыххæст кæнынмæ.

«Уый у   нæ  уынаффæйы тыххæй нæ  фæлæ, Гуырдзыстоны фидæны тыххæй», – райхъусын кодта Петрас Аустревичус.