Петрас Аустревичус – Уæрæсейы оккупацион тыхты фыдракæндты фæдыл хъуамæ уа  барадон архæйдтытæ, афтæма Евроцæдисы санкцитæ, адæймаджы барты хаыны бæрнон чи сты уыцы уæнгты ныхмæ
Петрас Аустревичус – Уæрæсейы оккупацион тыхты фыдракæндты фæдыл хъуамæ уа барадон архæйдтытæ, афтæма Евроцæдисы санкцитæ, адæймаджы барты хаыны бæрнон чи сты уыцы уæнгты ныхмæ

Уæрæсейы оккупацион тыхты сæххæст алы фыдракæнды æхсæнадæмон  дзыллæ хъуамæ бафауа, хъуамæ уагъд уа  барадон  мадзæлттæ, афтæ куыд  Евроцæдисы санкцитæ  адæймаджы барты серьозон халыныл бæрнон чи у  уыдоны ныхмæ –  уыйы фæдыл европарламентари  Петрас Аустревичус  Страсбургы, европарламенты  сессийыл дебатты рæстæджы  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты 20%-ы оккупаци, хæсты фыдракæнды æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халыны  комкоммæ бæлвырдгæнæн у.

«Уæрæсейы оккупацион тыхтæ  аразынц провокацитæ  активон политикæ, терроры  бын дарынц бынæттой цæрджыты, скъæфынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты.  58 аздзыд Тамаз Гинтури, Гуырдзыстоны æмбæстаг, Уæрæсейы оккупацион тыхты фæстаг  амæттаг у.  Уый амардтой йæ фыды  уæлмæрды бæрæгдзау куы уыдис уæд.  Йемæ уæвæг  Леван Дотиашвилийы та æнæзакъононæй æрцахстой» – банысан кодта Петрас Аустревичус.