Петр Павел хъусын кæны, цæмæй Украинæйы территоритыл æххæст контрол НАТО-йы уæнгдзинадæн æнæмæнгхъæугæ домæн нæу
Чехийы президенты хъуыдымæ гæсгæйæ, Украинæйы цæгататлантикон альянсы уæнгсуæвын ма хъуамæ уа Украинæйы æххæст территорийыл контролы сногыл баст. Уый фæдыл Петр Павел чехийаг рауагъдадæн лæвæрд интервьюйы райхъусын кодта.
Павелы хъуыдымæ гæсгæ, Украинæйы территоритыл æххæст контрол нæу ææнæмæнгхъæугæ домæн НАТО-йы уæнгсуæвынæн.
«Кæд æрцæудзæн демаркаци, фæнды исты администрацион арæны, нæ бон у райсæм ацы администрацион арæн, куыд рæстæгмæ æмæ райсæм Украинæ НАТО-мæ уыцы территориимæ, кæцыйы уый контрол кæны уыцы моментмæ», – банысан кодта Чехий президент.
Павел афтæма æрымысыд Германийы цау, 1955-æм азы уый альянсы афтæ райстой æмæ 1990 азы онг йæ территоритæ Советон Цæдисы оккупацйы бын уыдысты.
«Уый тыххæй хъуыды кæнын, цæмæй ис куыд техникон, афтæ барадон фадат, цæмæй Украинæмæ лæвæрд уа НАТО-йы уæнгсуæвыны бар НАТО-йы Уæрæсеимæ конфликтмæ æнæбафтауынæй», загъта Павел. Фæлæ ма уый афтæдæр банысан кодта, цæмæй уый гæнæн уыдзæн, æрмæстдæр Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн бадзырдтæ райдайыны фæстæ.