Пермы скъолайы æрцæугæ инциденты фæстиуæгæн зианбаййафджыты нымæц 15 аххæссыд
Уæрæсейы сахар Пермы æрцæугæ инциденты фæстиуæгæн, фæстаг ратгæтæй, зианбаййафджыты нымæц у 15.
Информацийы уый фæдыл хæлиу кæны сахары администрацийы пресскуыст.
Уыйимæ иумæ, æнæнизхъахъъæды министрады хъусинагæй, 15 зианбаййафæгæй 12 госпитализацигонд æрцыдысты.
Зианбаййафджыты нымæцы ис цыппæрæм классы ахуыргæнинæгтæ.
Æртæ зианбаййафæгы – дыууæ æнахъомы æмæ ахуыргæнæджы уавæр уæззау у.
Сæрыфыццагæй ахæлиугонд информацийæ, Пермы 127-æм скъоламæ, кардæй гарзджын дыууæ маскъæджын уæнг балæбурттой.
Фæлæ фæстæдæр, Уæрæсейы фæдæвзарæг комитет, ахуыргæнинæгты æхсæн хылы фæдыл райхъусын кодта.
Фæдæвзарæг комитеты регионалон уагдоны хъусинагæй, скъолайы ахуыргæнинæгтæ, хылы рæстæджы спайда кодтой кæрдтæй, фæлæ сæ баиргъæвын бацархайдтой сывæллæттæ æмæ педагогтæ.