Пентагоны информацийæ, АИШ æмæ Стыр Британи, бырст сыххæст кодтой «Хуситты» аст объектыл Йемены
Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Стыр Британи Йемены “Хуситты” нысæнттыл уæлдæфон бырстытæ дарддæр кæнынц.
Пентагоны фидиуæнæй уыдон ацы хатт «Хуситты» аст объекты ныццавдтой, сæ нымæцы зæххыбын æвæрæны, ракетæты æмæ цæстдарæн системæтæ.
АИШ-æ æмæ Стыр Британи иумæйаг фидиуæны банысан кодтой, цæмæй архайдтой бахъахъхъæнын «базарады сæрибар къада».
«Нæ нысан у, ныттынггонд уавæры дээскалаци æмæ стабилондзинады сног кæнын Сырх Денджызы», – фыст ис фидиуæны.
Иумæйаг фидиуæны афтæдæр банысангонд у, цæмæй хафтытæ сыххæст сты Австралийы, Бахрейны, Канадæйы æмæ Нидерландты æххуысæй.
АИШ æмæ Стыр Британийы тыхтæ, Йемены «Хуситты» объекттæм бырстытæ фыццаг хатт 11 январы сыххæст кодтой. АИШ-ы президент Джо Байден куыд райхæлдта афтæмæй, авиабырстытæ уыдысты дзуапп «Хуситты» æрдгæй Сырх Денджызы базарадон наутæм бырстытæн.