Пентагон – АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ æркæсыны фæлгæтты, æбæрæг æмгъуыдмæ ахæцдзæн  «Аккаг Партнеры» ахуыртæ  Гуырдзыстоны
Пентагон – АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ æркæсыны фæлгæтты, æбæрæг æмгъуыдмæ ахæцдзæн «Аккаг Партнеры» ахуыртæ Гуырдзыстоны

АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастыты æппæтылæххæссæг  ногæй æркæсы  фæлгæтты,  АИШ  æбæрæг  æмгъуыдмæ  аргъæвдзæн Гуырдзыстоны   «Аккаг Партнеры» ахуыртæ, кæцы  сæрыфыццагæй  2024 а зы  25 июлæй  6 августмæ  уыд  плангонд – уый фæдыл   банысангонд у  АИШ-ы   хъахъъхъæнынаы  департаменты фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ, АИШ-ы  хицауад Гуырдзыстонимæ  æмгуыстады æххæстæй  ногæй æркаст райдыдта  30 майы  æмæ «Аккаг Партнеры»  ахæцын   баст у  АИШ-ы æмæ ныгуылæны æндæр æстæты ныхмæ  Гуырдыстоны  хицуады мæнг  зылынгæнæнтимæ, ома зæгъгæ  æлхъывд цæуы  Гуырдзыстоныл Уæрæсейы ныхмæ дыккаг фронт бакæнынæн, Украинæйы  æлхъывд  фæныллæгдæр кæнынæн, афтæма  информациимæ, цæвиттон  хицаугæнæг партийы  ныхмæ    фæфæлдæхты дыууæ архйады  исты хайад  ныгуылæн.

Пентагоны фидиуæнмæ гæсгæйæ, Иугонд Штатты  хицауад  сбæрæг кодта, цæмæй ныр у æнæмæлон рæстæг Гуырдзыстоны  масштабон   æфсæддон ахуыртæ  ауадзынæн.

«Иугонд Штаттæ   адарддæр кæнзæн партнерад Гуырдзыстоны хъахъхъæнынад тыхтимæ,  уымæн æмæ   архайæм  стыхджын кæнæм  Гуырдзыстоны хъомад  баиргъæва йæ  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад. Мах ацы  уынаффæ æнцонæй нæ рахастам æмæ стыр хъусдард нын ис   уыцы егхау  нысанниуæгмæ, кæцыйы  нæ æмцæдисонтæ  æмæ партнертæ  дæттынц  ахуыртæн, цахæм сты «Аккаг Партнер».  Иугонд Штаттæ   нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсы  æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ, уый нымæцы  ахуыр  «Хæстон Удимæ»   æмгуыстады фидæны  фадæттæм 2025 азы», –  банысангонд у  фидиуæны.