Пекин2022 | Анастасия Губанова Гуырдзыстонæн иуæндæсæм бынат æрхаста [видео] #1TVSPORT

Пекины зымæджы Олимпиадæ  фæцис   сæрибар стилы  программæ фигурон бырыны   сылгоймæгты  æхсæн. Уым  Гуырдзыстоны номæй   ерыс  кодта Анастасия Губанова, кæцы  сæрибар программæйæ  135.8  баллы  райста æмæ  æмтгæй  райсгæйæ æрымбырд кодта 200.98 баллы.

Ацы бæрæггæнæн æгъгъæд уыд  11-æм бынат бацахсынæн. Фæлæ  ын  дæсоймæ   бацæуынæн не  сфаг ис: фарастæм  бынатыл уæвæг кореяйаг   Йе Лим Кимæн  уыд 202.63 баллы, дæсæм бынатыл увæг  амеркиаг  Мария  Беллæн  та  202.30 баллы.

Бакой уын кæндзыстæм  цæмæй зымæджы  Олимпиадæйыл  гуырдзиаг  рекорд у  дæсæм бынат.  2006 азы  дæсæм  позицийыл  рацыд фигурист  Элене Гедеванишвили,  æрмæст Пекин 2022-ы та,  дæсæм уыд   Морис Хъвителашвили.

Цæугæ  Олимпиадæйыл  фигурон  бырыны  сыгъзæрин  майдан  «ROC»-ы  минæвар  Анна Щербакова  райста,  дыккаг  йæ æмбæстон  Александра Трусова  уыд, æртыккаг бынат  бацахста япойнаг  Каори Сакамото.