Педро Аграмунти Евросоветы парламентон ассамблеайæ ацæудзæн

Педро Аграмунти Евросоветы парламентон ассамблеайæ ацæудзæн

Евросоветы парламентон ассамблеайы экс-президент скандалонæй зындгонд Педро Аграмунти организацийæ цæуы. Уыцы къахдзæфы аххосаг йæ ныхмæ  вæрд карз санкцитæ сты.

Рымысын уын кæндзыстæм ивгъуыд къуыри Евросоветы парламентон ассамблея цалдæр депутаты ныхмæ санкцитæ снысан кодта. Ныхас цæуы депутаттыл, кæцыты нæмттæ хæдбар комис сæрмагонд хаццæгы рапарахат кодта. Документы автортæ парламентон ассамблеайы иуæй иу уæнгы корупцийы аххосджын кæнныц.  

Депутаттæ кæцытæн санкцитæ снысан ис, никуыд уал бацахсдзысты бæрзонд посттæ.