Павел Герчинский -  кæд  сывзардзыстут, цæмæй Гуырдзыстон уа  иупаритон паддзахад, Гуырдзыстоны мауал уа  оппозици,  æмбæстагон дзыллон организацитæ, уæд Гуырдзыстон  никуы  суыдзæн  Евроцæдисы уæнг
Павел Герчинский - кæд сывзардзыстут, цæмæй Гуырдзыстон уа иупаритон паддзахад, Гуырдзыстоны мауал уа оппозици, æмбæстагон дзыллон организацитæ, уæд Гуырдзыстон никуы суыдзæн Евроцæдисы уæнг

Кæд æвзæрстат, цæмæй Гуырдзыстон у иупартион паддзахад, Гуырдзыстоны нæй политикон оппозици, Гуырдзыстонæн нæй æмбæстагон æхсæнады организацитæ, кæцытæ сæрибарæй кусынц, кæд æвзæрстат, цæмæй Гуырдзыстонæн ма уа сæрибар, хæдбар меди, уæд Гуырдзыстонæн йæ бон нæу æмæ Евроцæдисы уæнг никуы суыдзæн. Нæдæр абон, нæдæр сом æмæ нæдæр 2030 азы, – уый фæдыл Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны, Павел Герчинский расидтис.

Павел Герчинскийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæхи бар у, цавæр фидæн сæ фæнды.

«Евроцæдис Гуырдзыстоны æвзæрстыты хайад нæ исы. Сидæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, æппæт гуырдзийæгтæм, ацæуой æвзæрстытæм æмæ схъæлæс кæной. Уый у сæ бар. Æххуыс кæнæм алы инициативæйæн, се æхсæн æмбæстагон æхсæнады æрбавдыстæн, кæцытæ здæхт сты æвзарæнон процессты фæдыл æмбарынад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Уый æгæрон нысаниуæгджын у, фæлæ кæцы партийы фарс рахæцæм, уый равзæрст æрмæстдæр гуырдзиæгтæн сæхи къухты ис. Дæхицæй аразгæ у, цавæр фидæн дæ фæнды дæ бæстæйæн, дæхицæн æмæ дæ сывæллæттæн. Ацы æвзæрстытæ уыдзысты æнæмæнг хъысмæтхæссæг. Уæдæ, фæлхатт кæнын, ацæут æмæ хъæлæс кæнут. Дæ хъæлæс ахсджиаг у. Æз кæддæриддæр уыдтæн æргом æмæ рæстдзæвин сымахимæ æмæ уый зæгъын куыд Евроцæдисы минæвар, нæу куыд политикон комментатор», – расидтис Павел Герчинский.

Герчинский куыд банысан кодта, афтæмæй гуырдзиæгтæн ис гæнæн Евроцæдисы уæнг суæвынæн, фæлæ уый æнæмæнгхъæугæ у уыцы уавæртыл бындурæвæрдæй, кæцытæ дискуссийы бындур не сты.

«Гуырдзиæгтæ сæхæдæг хъуамæ ахицæн кæной сæ фидæн. Æз уыдтæн æцæгæйдæр æхсызгон æмæ амондджын, цæмæй фарон декабры 27 бæстæйы лидертæ Гуырдзыстонæн нæ дуæрттæ байгом кæнын аскъуыддзаг кодтой. Гуырдзыстон Евроцæдисмæ кандидат бæстæ ссис. Кæд гуырдзиæгтæ фæнды, уæд уыдонæн ныр фадат ис Евроцæдисы уæнг суæвынæн, фæлæ уый хъуамæ æххæстгонд æрцæуа уыцы уавæртыл бындурæвæрдæй, кæцытæ дискуссийы бындур не сты. Сæрибардзинад, демократи, закъоны уæлдæрдзинад, адæймаджы бартæ. Сæ фидæн ахицæн кæнын гуырдзиæгтæй аразгæ у. Алчидæр уæ хъуамæ ацæуа æмæ схъæлæс кæна йæ фидæнæн, йæ кæстæрты фидæнæн. Дæ бæстæйы хъысмæт ахицæн кæныны бар дæуæн ис æмæ æндæр никæмæн», – расидтис Герчинский.

Герчинскийы ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдис кад кæны гуырдзиаг адæмы æвзæрстæн.

«Иу къуырийы фæстæ æвзæрстытæ æрхæццæ кæнынц. Уый уæхи æвзæрст у, гуырдзиæгтæ, уый уæхицæй аразгæ у, цы тыхсын кæны уæ æмæ уæ сывæллæтты фидæн. Цыфæнды уынаффæ куы рахæссат, уæддæр Евроцæдис кад кæндзæн уæ равзæрстæн. Уый у стырдæр хицæндзинад Евроцæдис æмæ Советон Цæдисы æхсæн. Мах кад кæнæм уæ æвзæрстæн, уæ фидæн у уæ уынаффæ æмæ æндæр искæй нæу, фæлæ уæ хорзæхæй кад кæнут, цæмæй Евроцæдис у конкретон аргъдзинæдтыл бындурæвæрд. Уыдон сты: сæрибардзинад, демократи, закъоны уæлдæрдзинад, адæймаджы бартæ. Ацы аргъдзинæдтæ нæ уыдзысты бадзырдгонд. Кæд æмæ гуырдзиаг æвзарджытæ сфæнд кæной Гуырдзыстоны иупартион паддзахадмæ раивын, кæд æмæ æппæт оппозицион партиты тобæ кæнын сфæнд кæндзыстут, бæстæйæ æмбæстагон æхсæнады ссæрибар кæнут, Гуырдзыстонæн бар раттат, цæмæй суа ахæм бынат, цыран сæрибар медийы бынат нæй, кæд æмæ аскъуыддзаг кæной, цæмæй Гуырдзыстоны алы индивидуалон бартæ нæй Кæд æмæ хъахъхъæд у, уæд мæ фæнды æргомæй зæгъын – Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнг нæ суыдзæн нæдæр абон, нæдæр сом, нæдæр 2030-æм азы», ​​- расидтис Герчинский.