Павел Герчински – сидын Гуырдзыстоны алы æмбæстагмæ, рацæуæд æвзæрстытæм, алцыппæт баст у 26 октябры схъæлæс кæныныл, цæттæ стæм бакусæм кæцыфæнды хицпауадимæ, кæцы æвзæрстыты фæстæ уыдзæн æвзæрст
Сидын алы гуырдзиагмæ, рацæуæд æвзæрстытæм æмæ схъæлæс кæнæд, æрцæугæ æвхæрстытæ абсолютонæй скуыддзаггæнæг уыдзысты уæ бæстæйы фидæн сбæрæг кæныны- уый фæдыл Евроцæдисы минæвар Павел Герчински, «Æвзарæнон компас Гуырдзыстоны 2024» презентацийы фæстæ райхуъсын кодта журналисттимæ ныхасы.
Евроцæдисы минæвары дзырдæй, æвзæрстыты фæстæ Евроцæдис бакусдзæн Гуырдзыстоны ногæвзæрст хицауадимæ, цæмæй ногæй райдайа Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны процесс.
«27 европаг лидер, июны, аскуыддзаг кодтой, фæурæдтаиккой Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны процесс, дзуаппæн цалдæр уæззау æмæ проблемон фæзындыл, кæцы ам æрцыд. ÆРомзæрдæйæ ныфс дарын, цæмæй æвзæрстыты фæстæ, чи фæнды дæр фæуæлахиз уæд, мах тынг цырд бакусдзыстæм Гуырдзыстоны ногæвзæрст зицауадимæ иумæ, цæмæй ногæй райдайæм Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны процесс. Хъыгагæн, фæстаг цалдæр мæйы дæргъы бирæ рæстæг бахардз ис. Уæнгсуæвыны процесс урæд æрцыд. Уый æрцыд Украинæ æмæ Молдовæ цырд куы фæцæуынц размæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл. Мах æцæгдæр хæъуы, аййафæм сæ. Алцыппæт баст у 26 октябры хъæлæс кæныныл. Афтæмæй, ноджы иу хатт сидын Гуырдзыстоны алы æмбæстагмæ, кæмæндæриддæр ис хъæлæскæныны бар, спайда кæнæд ацы барæй æмæ рацæуæд хъæлæс кæнынмæ. Куыд ЕвроцæдиС, мах дырыс равдыстам, цæмæй цæттæ стæм бакусæм Гуырдзыстоны кæцыфæнды хицауадимæ, кæцы уыдзæн æвзæрст 26 октябры æвзæрстыты фæстæ. Не рдгæй дырыс равдыстам, цæмæй нæ дуар Гуырдзыстонæн гом у. æнхъæлмæ уæм кæсæм. Ма фесафæм ноджы иу уысм. ЦÆй ма æрыздахæм Гуырдзыстон Евроцæдисы фæндагмæ», – райхъусын кодта Герчински.