Павел Герчински – нырма ис рæстæг размæцыдæн æмæ уый бауырнынæн, ома реформæтæ кæцы тынг вазыгджын æмæ быцæусидтытæй æфсæст ты, дзæбæх прогресс ййафынц
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчинскийы фидиуæнæй, Евроцæдис разы у Гуырдзыстоны реформæтимæ, уый нымæцы расттæрхоны æрдæмадæй.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ прогрессæн аргъ лæвæрд уыдзæн ауæрæхы фæдыл хыгъдлæвæрды, афтæма Евроцæдисы 27 уæнг бæстæйы æрдгæй. Павел Герчински куыд банысан кодта афтæмæй, нырма зæгъгæ ис рæстæг размæцыдæн.
«Профессионализм, тæрхонгæнджыты æххæстæй хæдбарад, тынг фидар æмæ æнæниз тæрхонон системæ афтæдæр у 12 приоритеттæй сæ иу. Кусæм Гуырдзыстонимæ иумæ, Гуырдзыстоны юстицийы министрадимæ, цæмæй бавдисæм сæ реформæтæ. Парламенты афтæдæр цæуы куыст тæрхонон реформæйыл. Евроцæдис кæддæриддæр йе разы у ацы реформæтимæ. Уæвæг прогрессæн аргъ лæвæрд æрцæудзæн ауæрæхы фæдыл хыгъдлæвæрды цæугæ азы октябры æмæ стæй 27 уæнг бæстæ скæндзæн аргъ уыцы прогрессæн, кæцы ис Гуырдызстонæн, уый нымæцы терхонон реформæйыл. Афтæмæй нырма ис рæстæг размæцыдæн æмæ уый бауырныны кæнынæн, цæмæй реформæтæ, кæцытæ иттæг вазыгджын æмæ быцæусидтытæй æфсæст ис, дзæбæх прогресс æвдисынц», – райхъусын кодта Павел Герчински.