Павел Герчински – ныфс дарын, цæмæй Гуырдзыстон ноджы иу каъхдзæфæй рацæудзæн размæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагыл, кæцы нысан кæны кандидаты статус, фæлæ уый 27 уæнг паддзахад хъуамæ аскуыддзаг кæна
12 приоритетыл куыст цæуы, цалдæр къуырийы размæ Еврокомисси бавдыста а.х. дзыхæй раныхас, Еврокомиссийы аргълæвæрдæй 12-æй æртæ рекомендаци æнæхъæнæй сыххæст, дыууæ рекомендацимæ гæсгæ нæ хъæуы фæтагъд кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта.
Минæвары дзырдæй, уæлæмхас кусын хъæуы медиайы сæрибардзинады æмæ деолигархизацийы фарстатыл.
«Уый у медиайы сæрибардзинад æмæ деолигархизаци. Иннæ авд рекомендацийы ис бæрæг прогресс, фæлæ фылдæры æнхъæл стæм. Куыд æй уынæм афтæмæй, сурæт у хъулон, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæ позитивон у. Нырма ис рæстæг, цалынмæ Еврокомисси рауадздзæн ацæрæхы фæдыл хыгъдлæвæрд октябры æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алчи æнхъæлмæ кæсæм уынаффæ райстмæ 27 уæнг паддзахады æрдгæй, бæрзонддæр политикон æмвæзадыл, паддзахадон лидерты æмвæзадыл дарддæры къахдзæфты тыххæй, длзырд куы цæуы Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытыл уæд. Евроцæдисы уынаффæ декабры уыдзæн æмæ æргомзæрдæйæ ныфс дарын, цæмæй Гуырдзыстон ноджы иу каъхдзæфæй рацæудзæн размæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагыл, кæцы нысан кæны кандидаты статус, фæлæ уый 27 уæнг паддзахад хъуамæ аскуыддзаг кæна», – райхъусын кодта Герчински.
Павел Герчински Гуырдзыстоны парламенты æмæ хурыскæсæн парптнерады æмбæстагон дзыллæйы форумы Гуырдзыстоны националон платформæйы организацигонд конференцийы темæйыл – «Гуырдзыстоны фæндаг Евроцæдисмæ» райста хайад. Минæвары дзырдæй, фембæлдыл æркæсинаг темæ нысаниуæгджын у, уымæн æмæ æххæссы Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы æрдгæй уæвæг быцæусидтытæм.