Павел Герчински – никуы загътам, куыд уыдзæн  раст балæуд деолигархизацийы фарстамæ, Венецийы Комисси  дзуры,ц æмæй раст у системон балæуд,  мах дæр аналогионæй хъуыды кæнæм
Павел Герчински – никуы загътам, куыд уыдзæн раст балæуд деолигархизацийы фарстамæ, Венецийы Комисси дзуры,ц æмæй раст у системон балæуд, мах дæр аналогионæй хъуыды кæнæм

Æндæрæбон Венецийы Комисси  публикаци скодта  деолигархизацийы  закъонопроекты фæдыл йæ аргълæвæрд . Венецийы Комиссимæ гæсгæйæ,  ацы  закъонопроект ист ма  хъуамæ æрцæуа, уымæн æмæ  ис  серьозон рисктæ, – загъта Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар Павел Герчински.

Минæвары дзырдæй  зæгъгæ  Еврокомисси  разы у  Венецийы Комиссийы   рекомендациимæ.

Павел Герчински  хъусын кæны, цæмæй  деолигархизаци у  12  приоритетæй  сæ иу.

«Мах куыд еврокомисси, разы стæм Венецийы Комиссийы  рекомендациимæ. Венецийы Комисси у  стандарты  бæлвырд гæнæн, хъуыддаг  ахæм  закъондæттынадмæ  куы баххæссы  уæд.  Афтæмæй,   сидæм   системон  балæудмæ, специалон   закъоны райсты бæсты.  Деолигархизаци  у 12 приоритетæй сæ иу. Уый у приоритет номыр 5.  Загътам, цæмæй уый у иттæг  нысаниуæгджын приоритет  æмæ  æнъхæлмæ кæсæм, цæмæй  Гуырдзыстоны  хицауад размæ рацæудзæн   деолигархизацийы  фарстайы.  Никуы  загътам,   цы у  раст балæуд.   Куыд саразын хæъуы нæ фæлæ  цы у саразинаг – уый  загътам. Уый уыдис  гуырдзиæгты  уынаффæ, бавдыстаиккой  закъонопроект, ныр мах  зонæм, цæмæй Венецийы Комиссимæ гæсгæ,  уый  нæу раст балæуд.  Венецийы Комисси   рацыд   системон балæуды æнхъарæнимæ  æмæ   уый  тыххæй æмбарæм, цæмæй   раст у  системон балæуд, кæцы бирæ  цыдæр дары йæ хъуыдыйы.  Уый нысан кæны тæрхондоны  системæйы реформæ, фылдæр   тыхархайд коррупцийы ныхмæ тохы,  фылдæр æргомдзинад  æмæ бæрнондзинад. Уый æппæт та нысан кæны  фидар паддзахад, кæцыйыл кусын цæттæ стæм нæ коллегæтимæ иумæ, цæмæй  уыдæттæм баххæссæм, уæ бон у,  нæ фидар фарсхæцыны ныфс уæм уа», – райхъусын кодта Евроцæдисы минæвар.