Павел Герчински хъусын кæны, цæмæй Европаг Советы абоны рабадты  бонвæткмæ Гуырдзыстоны фарста хаст нæу
Павел Герчински хъусын кæны, цæмæй Европаг Советы абоны рабадты бонвæткмæ Гуырдзыстоны фарста хаст нæу

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински  хъусын кæны, цæмæй Европаг Советы абоны рабадты боны фæткы  Гуырдзыстоны  фарста хаст нæу.

Уыимæ минæвар  нæ рацух кодта, ома  Гуырдзыстоны тыххæй  ныхас  уæддæр уа.

«Абон, 17 апрелы Европаг  лидертæ  æмбырд кæнынц Брюсселы. Ацæудзæн  Европаг  Советы рабадт, кæцы  цасдæр рæстæг  размæ снысан ис.  Абоны фæткы ис цалдæр фарста,к æцыты  лидертæ æркæсдзысты.   Уыдон фылдæр æххæссынц  Евроцæлдисы мид  фæзындтæм.  Фæлæ лидертæ афтæдæр хъавынц  æркæсой Украинайы  фарста, афтæма  нæ ахастытæ Туркимæ.   Афтæмæй Гуырдзыстон бонвæткы нæ лæууы, фæлæ  нæ рацух кæндзынæн æмæ кæддæриддæр гæнæн ис, цæмæй лидертæ  афтæдæр фæныхас кæной Гуырдзыстоны  уæвæг уавæрыл. Лидерты  аскуыддзаг книнаг у, цæуыл уынаффæ кæндзысты  фембæлдыл» – райхуъсын кодта Павел Герчински.

Иурæстæгонæй Павел Герчински  банысан кодта, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон  Евроцæдисы нормæтæм  æмæ хæзнатæм  нæ мбæлы.

«Евроæдис тынг тагъд  реакци скодта  закъонопроекты ногæй бавдисыны тыххæй.  24 сахаты дæргъы 4 апрелы   ахæлиу кодта   фидиуæн  æддаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады  политикæйы  фарстаты  еврцоæдисы бæрзонддæр спикер.  Знон изæр  Европаг Советы президент  Шарл Мишел  йæ позици сфиксир кодта. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ позици у дырыс.   Ацы закъон  Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ æрыввахс кæнынæн  пайдаджын нæу.   Уый нæ фæлæ ма, йæ  барьерæй  дæр суыдзæн, уымæн æмæ ацы  закъон  бæлвырд не мбæлы  Евроцæлисы нормæтæмæ æмæ хæзнатæм»-  загхта Павел Герчински.

Президенты администрацийы информацийæ, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Европаг Советы президент Шарл Мишел æмæ Францы  президент Эмануэл Макронмæ баздæхтис, Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындтæ  Европаг   Советы рабадтыл æркæсыны куырдиатæй.