Павел Герчински – Фæнды нæ, Гуырдзыстонимæ райдайа  уæнгсуæвыныл базырдтæ, ныфс дарæм, уый бантысдзæни, фæлæ  уый тыххæй хуамæ алыг кæнæм  фæсарæйнаг æндæвдады  закхонопроекты фарста
Павел Герчински – Фæнды нæ, Гуырдзыстонимæ райдайа уæнгсуæвыныл базырдтæ, ныфс дарæм, уый бантысдзæни, фæлæ уый тыххæй хуамæ алыг кæнæм фæсарæйнаг æндæвдады закхонопроекты фарста

Ацы азы Европæйы бон Билисы  сæрмагонд нысаниуæгджын у,  уымæн æмæ ацы  аз фыццаг хатт банысан кæндзыстæм Гуырдзыстонимæ, куыд кандидаты статусджын  бæстæимæ иумæ.  Иурæстæгонæй, сагъæсгæнæг стæм  фæзындты фæстагрæстæгон  айтынгæй – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински  райхъусын кодта.

Герчински  журналисттимæ ныхас ырæстæджы  куыд банысан кодта афтæмæй,  нырма ноджы ис рæстæг  размæцыдæн.

«9 майы традиционæй  Европæйы  бон банысан кæнæм. Мах бæрæгбон кæнæм европаг   интеграцийы диссаджы историы фæдыл.  Евроцæдисы 27 уæнгы сабырдзинады,  стабилондзинады æмæ фарны  истори.   Уыдонæй  алкæцыйæн сæрмагонд  культурæ æмæ традици ис, фæлæ иумæйагæй баст  стæм хæзнатæй, кæцыты фæдыл цæуæм хъæддых.  Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы азы  европæйы  бн Тбилисы сæрмагондæй нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы  аз фыццаг хатт банысан кæндзыстæм Гуырдзыстонимæ, куыд кандидаты статусджын  бæстæимæ иумæ.  Æхсызгон мын у æмæ сæрыстыр дæн, ацы бон кæй бæрæгбн кæнæм уымæй.

Иурæстæгонæй, иттæг сагъæсгæнæг дæн фæзындты фæстагрæстæгон айтынгы тыххæй, кæцы зын кæны  фарстатæ.  Нырма ис  рæстæг размæцыдæн.  Бæрæг куыд у афтæмæй,  æцæгæй нæ фæнды  Гуырдзыстонæн уа æнтыст  æмæ ахиза   европаг  интеграцийы  дарддæры  жтапмæ, цæмæй райдайæт   уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдтæ. Уый ныридæгæ  æрцыд Украина æмæ Моловæимæ.  Мах сæ хъуамæ баййафæм  æмæ тынг цырд  бакусæм, æнгом бакусдзыстæм хицауадимæ, цæмæй уый  бантысæд, æргомзæрдæйæ  ныфс дарæм,  рауайдзæн, фæлæ уый тыххæй  хъуамæ  алыг кæнæм  фæсарæйна æндæвдады фæдыл  закъонопроекты фарста.

Æнæиухат куыд загъдæуыд алы европаг лидеры æрдгæй,   ацы   закъонопроект иумæнæбадгæ у Евроцæдисы барадимæ æмæ хæзнатимæ.  Ныфс дарм, цæмæй нырма  ис  рæстæг алы гæнæн  процедурæйæ спайда кæннн, цæмæй  мауал феста закъонæй.  Иурæстæгонæй, æхсæз мæй рацыд   ауæрæхы фæдыл   хыгъдлæвæрды пбликацийæ.  Гуырдзыстонæн размæцыдæн  фараст къахдзæф сыххæст кæнын  бахæс ис. Ныр хъæуы  фæтагъд кæнын, фараст къахдзæфы  сыххæст кæнынæн рæстæг фæуд кæны.  Нырма  ис рæтсæг фæдылдзог  хыгъдлæвæрды публикацийы онг, фæлæ  хъусдард ма хъуамæ апыр кæнæм, хъæуы  реформæтыл фокусир кæнын» – райхъусын кодта  Павел Герчински.