Павел Герчински – Европæйы бон, хъуыды кæнæм нæ иумæйаг историйыл æмæ æнхъæлмæ кæсæм уыцы фидæнмæ, кæцыйы фæнды саразын Гуырдзыстонимæ иумæ
Павел Герчински – Европæйы бон, хъуыды кæнæм нæ иумæйаг историйыл æмæ æнхъæлмæ кæсæм уыцы фидæнмæ, кæцыйы фæнды саразын Гуырдзыстонимæ иумæ

Европайы боны мах хъуыды кæнæм нæ иумæйаг историйыл æмæ æнхъæлмæ кæсæм уыцы фидæнмæ, кæцыйы фæнды саразын Гуырдзыстонимæ иумæ -расидтис Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински видеохъусынгæнинаджы.

Герчинский куыд банысан кодта афтæмæй, Евроцæдисы фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны цæрджытæн аххæссы царды алы сферæмæ æмæ йæ нысан у алы æмбæстагы цард фæхуыздæр кæнын.

«Алы аз дæр 9 майы мах бæрæг кæнæм Европæйы бон. Европæйы боны 75 азы юбилей у æвдисæн Европæйы проекты диссаджы æнтыстдзинадæн, кæцы 1950 азы Роберт Шуманы декларацийы фæрцы райдыдта. фæнды саразын Гуырдзыстоны адæмæн иумæ.Евроцæдисы фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны цæрджытæн аххæссы царды алы фадыджы æмæ йæ нысан у Гуырдзыстоны æппæт æмбæстæгты цард фæхуыздæр кæнын. Зæрдиагæй уæ хонæм, цæмæй фылдæр базонат нæ фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ 9-æм май иумæ арвитат  уæ бинонтæ æмæ хæлæрттимæ, цæмæй банысан кæнат, цы не ‘ппæты дæр иу кæны, уый. «Иумæ банысан кæнæм Европæйы бон» – райхъусын кодта Герчински.