Павел Герчински – æркæсдзыстæм алы варианты, сæ нымæцы æнæвизæ режимы фæурæд дæр, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый ма хъуамæ æрцæуа, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æфхæрд ма хъуамæ æрцæуой
Æркæсдзыстæм алы варианты, сæ нымæцы æнæвизæ режимы фæурæд, фæлæ мæхисæрмагонд хъуыдымæ гæсгæйæ, уый ма хъуамæ æрцæуа, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æфхæрд ма хъуамæ æрцæуой, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта.
Павел Герчинскийы бафарстой «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъоны тыххæй Гуырдзыстонæн гæнæн санкциты фæдыл.
Йæ дзырдæй зæгъгæ 24 июны фæсарæн хъуыддæгы министртæ Люксембургы фемблдзысты æмæ уынаффæйыл фæтæрхон кæндзысты.
«Европаг лидертæ куыд райхъусын кодтой афтæмæй, кæд фæсарæйнаг æндæвдады закъон уыдзæн хаст, хъыгагæн, уыдат фæстиуджытæ Евроцæдис-Гуырдзысоны ахастытæн. Хъыгагæн, закъон фæстагмæ йæ тыхмæ бахызт. Мах 27 бæстæйы æхсæн райдыдтам тæрхон кæнын фæстиуджытыл. Уæнг бæстæтæ загътой евроцæдисы институттæн, æрцæттæ кæной меню æндæр æмæ æндæр мадзæлттæн, кæцытæ гæнæн ис сфидар кæнын, куыд фæстиуæг. Евроцæдисы президентæй, Урсула фон дер Ляйенæй фехъуыстаит, цæмæй алы вариантыл цæуы тæрхон. Алы вариант нысан кæны, алы вариант. Уæнг бæстæтæ тæрхон кæнынц æндæр æмæ æндæр вариантыл. Ныфс дарын, 4 июны фæсарæн хъуыддæгты министртæ ноджы куы æрымбырд уыдзысты Люксембургы, сæ бон бауыдзæн уынаффæ рахæссын, цы фаривт ис гæнæн сыххæст кæнын. Евроцæдисы Советы президент Шарль Мишел афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй Евроцæдисы фæдылдзог совет июны кæрон æркæсдзæн Гуырдзыстны фарста. Мæ бон у банхъæлмæ кæсын кæд лидертæ варианттæ æркæсдзысты, стæй уыдон рахæсдзысты уынаффæ. Не рдгæй нæ фæнды баххæссын, цæмæй æфхæрд ма рцæуой Гуырдызстоны æмбæстæгтæ. Алы вариант нысан кæны алы варианты æмæ сæ нымæцы æнæвизæ режимы фæурæд дæр, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый ма хъуамæ æрцæуа. Уый мæн нæ фæлæ, 27 уæнг бæстæйы уынаффæ у», – банысан кодта Герчински.