Патриархий - Уæрæсейы патриарх нырид баиу ис Арчил Татунашвили буары бинонтæн радæттыны фарстмæ, æмæ алы амæлттæй бацархайдзæн куыд гæнæн ис афтæ цыбырдæр æмгъуыдты сыххæстæуа фæнысангонд процесс
Гуырдзыстоны Патриархий Уæрæсейы патриархийæ райста информаци, ома Уæрæсейы патриарх, Арчил Татунашвилийы буары бинонтæн радæттыны фасртмæ баиу ис зæгъгæ – уый тыххæй банысангонд у Гуырдзыстоны Патриархийы ахæлиу гонд хъусинаджы.
«Фæдзырдтой нæм Уæрæсейы Патриархийæ æмæ нын фехъусын кодтой, цæмæй райстой Арчил Татунашвилийы фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы фыстæг, кæцыйы арвстой Болгарийы огфициалон визитæй уæвæг Уæрæсейы Патриархæн.
Патриах Кирилл райхъусын кодта, цæмæй Илья Дыккаджы куырдиатæй уый нырид баиу ис Арчилы буары бинонтæн радæттыны фарстмæ æмæ алы амлæттæй бацархайдзæн, уый максималонæй цыбыр æмгъуыдты сæххæст уа.
Ацы рæстæгмæ уæвæг информацийæ, буар экспертизæмæ у æрвыст æмæ йæ Гуырдзыстонмæ нылласдзæн æхсæнаæдмон организаци Сырх Дзуар» – банысангонд у Гуырдзыстоны Патриархийы фидиуæны.