Андриа Джагъмаидзе -  ахст  аргъуанархайæг  Гуырдзыстоны аргъуаны юрисдикцимæ нæ хаудис
Андриа Джагъмаидзе - ахст аргъуанархайæг Гуырдзыстоны аргъуаны юрисдикцимæ нæ хаудис

Ахæст аргъуанархайæг   Гуырдзыстоны  аргъуаны  юрисдикцимæ  нæ хаудис, уый  тыххæй  искæцы  хуызы  æфхæрд  кæнæ мадзæлттæ   патриархий  æмæ епархий  нæ райсдзысты, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  патриархийы  пресс-центры  къухдариуæггæнæг, Андриа  Джагъмаидзе   наркотикон   буарадты  бавæрыны тыххæй   Афоны   хохыл архайæг  моладзаны ахсты  фактыл  ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта.

Деканоз   Андриа Джагъмаидзе  куыд банысан кодта  уымæ гæсгæйæ,   ахæст  аргъуанархайæг  гоймаг Гуырдзыстоны  нæ  куыста.

Уымæй  дарддæр ма,  Андриа Джагъмаидзейы  дзырдæй,   кæд паддзахад  хъæугæйыл  банымайдзæн   наркотикты  пайда кæныныл  басгарæт  аргъуанархайæг уæнгты, æмæ  дзы  уый  ныхмæ ничи  уыдзæн зæгъгæ.

Барадхъахъъхæнджытæ  Зугдиды, стыр бæрцæй  наркотикон  буарадты  бавæрыны тыххæй,  Афоны   хозыл архайæг   моладзаны   æрцахстой.