Патриархий - Æнæмæнг æфсæддон службæйæ ссæрибарæй ма хъуамæ спайда кæной псевдорелигион юридикъон уæнгтæ
Хъуамæ уагъд æрцæуæт мадзæлттæ, цæмæй æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæйæ суæгъд кæнынæй ма спайда кæной псевдорелигион юридикъон уæнгтæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны патриархийы ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
«Аргъуанархайæг уæнгты æнæмæнг æфсæддон службæйæ ссæрибар у æппæтадæмон практикæ æмæ мах дæр разы стæм уыйимæ. Паддзахады афтæдæр гарантиргонд хъуамæ уа æнæфсæддон-альтернативон куыст.
Афтæмав хъуамæ уагъд æрцæуа æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй ацы практикæйæ ма спайда кæной псевдорелигион юридикъон уæнгтæ, сæрмагонд къуындæг меркантилон интерестæн, кæцы у религиондзинадæй манипуляци æмæ æргомæй антипаддзахадон архайд», – банысангонд у патриархийы фидиуæны.