Патриархи – Кашуеты кафедралон аргъуан гом у алкæмæн дæр, динамонджытæ сты уым æмæ æмбæстæгтæн кæцыфæнды рæстæджы дæр баххуыс кæндзысты, куы бахъæуа, уæд.
Патриархи – Кашуеты кафедралон аргъуан гом у алкæмæн дæр, динамонджытæ сты уым æмæ æмбæстæгтæн кæцыфæнды рæстæджы дæр баххуыс кæндзысты, куы бахъæуа, уæд.

Кашуеты кафедралон аргъуан ацы рæстæгмæ гом у алкæмæн дæр, куыд уыд 29 æмæ 30 ноябры, динамонджытæ уым сты æмæ æмбæстæгтæн цыфæнды рæстæджы æххуыс кæндзысты бахъуаджы рæстæджы, – ис фыст Гуырдзыстоны Патриархийы расидæны.

Патриархат сиды æмбæстæгтæм, цæмæй провокациты фæдыл ма цæуой, сабырдзинад æмæ æнæниз зонд бахъахъхъæной.

«Социалон хызы ноджы иу дезинформаци парахат кæны, кæцыйæ ацы хатт фарс «Дунейы аргъуаны ног хабæрттæ» æхсæнадимæ дих кæны. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Сенаки æмæ Чхороцкуйы митрополит Шиойы бахæсмæ гæсгæ, «Кашуеты кафедралон аргъуаны сауджынæн аргъуан байгом кæныны тыххæй хъусынгæнинаг лæвæрд æрцыд».

Мах æнæдызæрдыгæй хъусын кæнæм, цæмæй снысангонд информаци у æнæхъæн мæнгдзинад æмæ бæстæйæн ахæм æндыгъд уавæры, лæггад кæны æрмæстдæр æхсæнад дыууæ дихы кæнынæн, быцæудзинад æвзæрын кæнынæн æмæ аргъуаны дискредитаци кæнынæн.

Хъыгагæн, уый фыццаг хатт нæу. «Дунейы аргъуаны ног хабæрттæ»  фарс ивгъуыд рæстæджы дæр бирæ хæттыты ахæм мæнг информаци æхсæнадæн парахат кодта, ацы фарсы хицæуттæ  уæлдай тынгдæр тырнынц Гуырдзыстоны рæстдинон  аргъуаны  дины кусджыты, сæ нымæцы  Митрополит Шиойы  тыххæй  æфхæрд парахат кæнынмæ.

Ноджы иу хатт банысан кæндзыстæм, цæмæй ацы рæстæгмæ, куыд 29 æмæ 30 ноябры, Кашуеты кувæндон гом у алкæмæн дæр, динамонджытæ уым сты æмæ æмбæстæгтæн цыфæнды рæстæджы æххуыс кæндзысты, куы бахъæуа, уæд.

Сидын уæм, цæмæй ахæм провокациты фæдыл ма цæуат, сабыр æмæ æнæниз зонд дарут.

Хуыцау нæ бæстæйы сабырдзинадæй бамбæрзæд!» – дзырдæуы фидиуæны.