Парти «Лело» публикаци кæны фидиуæн Европарламенты æддæ ахастыты комитеты компромиссджын барастытимæ ист хыгъдлæвæрды фæдыл
Парти «Лело» европарламенты æддæ ахастыты комитеты, Гуырдзыстоны фæдыл компромиссджын барастытимæ ист хыгъдлæвæрды фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй европарламенты хыгъдлæвæрд «Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады» бадзырды имплементацийы фæдыл, Евроцæдисы политикæ бæрæггæнæг иуæй-иу сæйраг документ у.
«Документ бæлвырд кæны, ома бæстæйы ис политизиргонд расттæрхон. Уый цæвиттон у Хазарадзе-Джапаридзейы ныхмæ райдайгæ хъуыддаг æмæ Джапаридзейæн мандаты байст.
Рагæй хъусын кæнæм, цæмæй барадон сурыны иунæг мотиваци уыд политикон, кæцыйы афтæдæр бæлвырд равдыста Европарламент. Уырнæг стæм, цæмæй афтæ уыдзæн Страсбургы тæрхондоны дæр.
Хыгъдлæвæрдæй бæрæг ссис, цæмæй Евроцæдис деолигархизацийы кой куы кæны, уæд ныхас цæуы паддзахадон институтты, политикон, экономикон æмæ æхсæнадон цардуагы Иванишвилийы тæфагæй ссæрибаркæныныл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ноджы иу хатт сбæлвырд ис деолигархизацийы фæдыл закъонмæ гæсгæ «Лело»-ы раст позици», – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæны авторты хъуыдыйæ, хицауад хъуамæ йæ зæрдыл бадара европарламенты хыгъхдлæвæрд æмæ Михеил Саакашвилийы, хоскæнынмæ хъуамæ аласа фæсарæнтæм, æрмæст Ника Гварамийæн та хъуамæ ныххатыр кæна.
«Лелойы» фæндон у, цæмæй Гуырдзыстон куыд гæнæн ис, афтæ цырд райса Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус, фæлæ ацы хыгъдлæвæрдæй ноджы иу хатт куыд фæбæрæг афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» политикæ барæй пырх кæны нæ бæстæйы шансытæ. Политизиргонд расттæрхоны, политикон ахæстты æмæ олигархион хицаудзинады системæ цы бæстæйы ис уымæн Евроцæдисы кандидаты статус райсты тынг чысыл шанс ис», – дзырдæуы «Лело»-йы фидиуæны.