Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы уæнгтæ парламенты юридикъон фарстаты комитеты рабадт протесты нысанæн ныууагъдтой
Парламенты юридикъон фарстаты комитеты рабадт протесты нысанæн ныууагъдтой парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы уæнгтæ. Анна Бучукури, Михеил Даушвили æмæ Бека Лилуашвили сæрмагонд протесты фæдыл фидиуæн сарызтой комитеты залы æддæйæ.
Сæ дзырдæй, зæгъгæ юридикъон фарстаты комитеты рабадт регламенты састæй райдыдта, уымæн æмæ сæвæрдтой фарста уыйы фæдыл, цæмæй “Халхис Дзалайы” бакуыст закъонопроекттимæ иумæ каст æрцыдаит сæхи бакуыст альтернативон закъонопроект дæр, кæцыйыл сын комитеты къухдариуæггæнæг нæзагъд ракодта.
Парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнгты хъуыдымæ гæсгæйæ, уый у регламенты саст. Депутаттæ дзурынц, цæмæй «Халхис Дзалайы» бакуыст закъонопроетктæ уадзынц уырыссаг инетерстæ.
Юридикъон фарстаты комитет «Халхис Дзалайы» иницииргонд дыууæдæр закъонопроектыл фæуынафæ кæндзæн.