Парти «Гахариа Гуырдзыстонæн» ныууагътой цалдæр уæнг
Парти «Гахариа Гуырдзыстонæн» ныууагътой цалдæр уæнг

Парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» цалдæр уæнг ныууагътой. Схуыдтой партийы разамонджыты ‘рдыгæй коммуникацийы цухдзинад æмæ сын цы æхца æмбæлы, уыдон кæй нæ райстой, уый.

«Гахариайы партимæ нæ чи æрбакодта, уымæй куырдтон, цæмæй мæм цы суммæ æмбæлы, уый ратта.  Фæдзырдтон номыртæм, фæлæ дзуапп ничи радта. Дыууæ азы дæргъы æппынæдзух фæдзурæм, фæлæ нын дзуапп никæмæй æрцыд», – райхъусын кодта Натя Куправа.

Уымæй дарддæр ма, партийы раздæры уæнг Эрекъле Долидзейы ныхасмæ гæсгæ, Гахариайы парти æнхъæлмæкаст сæххæст кæнын нæ бантыст.