Парламеныт цур змæлд «Сирцхвилиа»-йы организгондæй акци цæуы [фото]
Парламенты алфæмбылай территорийыл змæлд «Сирцхвилиа»йы организатортæ æмæ фарсхæцджытæ æрымбырд сты. Уыдон закъондæттæг органы иуæй-иу бацæуæны цур фидиссаггæнæг къæлидор сарызтой æмæ æхситгæнæнтæй премьер-министртæм ног кандидаты протест кæнынц.ю
Акцийы хайадисджыты дзырдæй, гуырдзыстоны хицауад цæрджытыл худы, уымæн æмæ 20 июны æхсæвы фæстæ Гиорги Гахариайы мхм-ы постæй хъуамæ систаиккой, фæлæ уыйæ бæсты, абон æй раразмæ кодтой премьер-министртæм.
Проестон змæлды активисттæ дзурынц, цæмæй протест нæ бауромдзысты æмæ пленарон рабадты параллелонæй дарддæр кæндзысты митинг кæнын.
Парламенты абон цæуы пленарон рабадт, кæцыйыл закъондæтджытæ, хицауады ранæуæггонд скондæн æмæ хицауадон программæйæн æууæнк расидыныл уынаффæ кæнынц.
Хицауадæн æууæнк расидынæн, 76 депутаты хъæлæс бахъæудзæн.