Парламенты, Венецийы камисы рекомендацитæм гæсгæ уагъд цæуы фембæлд
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе дипломативон корпусы, æнæхицауадон организациты æмæ хицауады æртæ дæр къалиуы минæвæрттимæ абон фембæлд аразы.
Фембæлдыл Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты равзарыны процедурæ æмæ критеритимæ баст закъонопроектыл фæтæрхон кæндзысты æмæ ацы фарстайыл Венецийы камисы рекомендацитæ æркæсдзысты.
Фембæлд парламенты 10:00 сахатыл райдыдта.
Венецийы камис тæрхонгæнджыты равзарыны закъонопроектмæ гæсгæ рекоменадцитæ знон раргом кодта.
Ираклий Къобахидзе тæрхонгæнджыты сывзæрсты фæдыл Венецийы комисы рекомендацитæм хъусдард нæ цух кæны.
Абон Венецийы комис рарвыста хаццæг æмæ куыд уыд æнхъæлмæкæсинаг Венецийы комис позитивон аргъ дæтты законмæ ивæндзинæдтæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ис цалдæр рекомендаци æмæ хицаугæнæг къорд цæттæ у, хъусдардæй уа рекомендацитæм.
«Венецийы комис рарвыста хаццæг æмæ куыд уыд æнхъæлмæкæсинаг Венецийы комис позитивон аргъ дæтты законмæ ивæндзинæдтæм. цалдæр рекомендаци æмæ хицаугæнæг къорд цæттæ у, хъусдардæй уа рекомендацитæм», -расидтис Къобахидзе.