Парламенты, Венецийы камисы рекомендацитæм гæсгæ уагъд цæуы фембæлд
Парламенты, Венецийы камисы рекомендацитæм гæсгæ уагъд цæуы фембæлд

Гуырдзыстоны   парламенты сæрдар   Ираклий Къобахидзе   дипломативон  корпусы,  æнæхицауадон организациты  æмæ   хицауады  æртæ дæр къалиуы  минæвæрттимæ абон   фембæлд аразы.

Фембæлдыл   Сæйраг тæрхондоны   тæрхонгæнджытæм кандидатты   равзарыны  процедурæ  æмæ  критеритимæ  баст   закъонопроектыл фæтæрхон кæндзысты æмæ  ацы фарстайыл Венецийы  камисы    рекомендацитæ æркæсдзысты.

Фембæлд парламенты  10:00 сахатыл райдыдта.

Венецийы  камис   тæрхонгæнджыты   равзарыны  закъонопроектмæ гæсгæ  рекоменадцитæ   знон раргом  кодта.

Ираклий Къобахидзе тæрхонгæнджыты сывзæрсты фæдыл Венецийы комисы рекомендацитæм хъусдард нæ цух кæны.

Абон Венецийы комис рарвыста хаццæг æмæ куыд уыд æнхъæлмæкæсинаг Венецийы комис позитивон аргъ дæтты законмæ ивæндзинæдтæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты  сæрдар Ираклий Къобахидзе расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ис цалдæр рекомендаци æмæ хицаугæнæг къорд цæттæ у, хъусдардæй уа рекомендацитæм.

«Венецийы комис рарвыста хаццæг æмæ куыд уыд æнхъæлмæкæсинаг Венецийы комис позитивон аргъ дæтты законмæ ивæндзинæдтæм. цалдæр рекомендаци æмæ хицаугæнæг къорд цæттæ у, хъусдардæй уа рекомендацитæм», -расидтис Къобахидзе.