Парламенты цур протестон акци сног ис. Акцийы хайадисджытæ, оператор Лексо Лашкаравайы мæлæты хъуыддаджы тыххæй, премьер-министры йæ бынатæй сисын домынц.
Журналист Вахо Санаиайы фидиуæнæй, Ираклий Гъарибашвили йæ постæй ацæудзæн æмæ уый сараздзæн адæм, кæцы абон парламенты раз лæууынц.
«Федтат йæ æдзæском уынд, бакой уын кæндзыынæн 2015 азы, алчи йæ уæ зæрдыл дардзыстут, 31 декабры нæм куы æрбацыд йæ арфæйы фыстæджытæ телеуынынадмæ, кæцы 10 бон агъоммæ смыхуыркæнын кодта æмæ уыцы рæстæджы уый премьер-министр нал уыд махмæ арфæйы фыстæджытæ куы æрбахæццæ ис уæд. Раст ахæм цæсгомæй уыдис йеуæд æмæ йæ куыстæй йæхи систа. Бакой уын кæндзынæн уый фæдылдзог премьер-министры фидиуæн, афтæдæр хъæддых равгыл уыд, абон Гъарибашвили куы ныхас кодта цæмæй никæдæм ацæуын хъавыд, фæлæ дыккаг бон йæ куыстæй ист уыд, 24 сахатмæ. Бакой уын кæндзынæн æртыккаг премьеры тыххæй,, кæцы дзырдта, цæмæй алкæй кæрон скодтаит йæ зæрдæмæ чи нæ цæуы уыдоны» – райхъусын кодта Вахо Санаиа дзырдæй ралæуды рæстæджы.