Парламенты райдыдта Гуырдзыстоны  2025 азы  паддзахадон  бюджеты закъоны проекты  кæсыны процедурæ
Парламенты райдыдта Гуырдзыстоны 2025 азы паддзахадон бюджеты закъоны проекты кæсыны процедурæ

Гуырдзыстоны  парламиенты  Гуырдзыстоны хицауады  бавдыст «Гуырдзыстоны 2025 азы  паддзахадон бюджеты  фæдыл» закъонопроекты  (уæлæмхас  æрмæджытимæ иумæ)  æмæ  «бæстйы сæйраг   бæрггæнæнтæ æмæ æрдæмæдтæ 2025-2028 азтæм» документты  касты процедурæ райдыдта.

Парламенты бюро  йæ  фарс рахæцыд   бюджеты проекты æмæ уæлæмхас  æрмæджыты касты ранывæзтæн (2024 азы 3-15 октябр) кæцы  парламенты  финансон-бюджетон  комитет бакуыста.

Преоктмæ гæсгæйæ: реалон   экономикон рæзт  плангонд  у  5,5%-ы бæрц, æрмæст астæуккаг    æмгъуыдджын  периоды  реалон  эконмои кон рæзты  прогноз  5,3% бæрц у;  кастæуккаг  инфляцийы   прогноз  цæугæ ащы  нысанон бæрæггæнæны фæлгæтты ис(3%).; номиналон æмтгæйон мид продукты   прогноз   бæрæг у 97,4 млрд ларийы  бæрц, æрмæст иу удгоймаг цæрæгл    ранымад   æмтгæйон  мид продукт 9 600 долларæй  фылдæр у.

2025 азы   æмтгæйон   бюджеты  хардзты хай    у   31,2 млрд  лари, кæцыйы фæлгæтт  плангонд у  паддзахад йæхимæ  цы зæстæ райста  уыдоны  æнæхъæхн  финансдзинад.

Проектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны 2025 азы  паддзахадон бюджеты æфтиæгты  æмтгæйон бæрæггæнæн  разаг азы  бæовырд планæй  бæрæг  бæрæггæнæнимæ абаргæйæ  райрæзтис  2 281,0 млн арийæ æмæ  фæбæрæг ис  26 850,5 млн ларийы  бæрц, æрмæст паддзахадон  бюджеты    фидинæгты   гуырахст у   27 046, 5 милуан  лари(2024 ащы бæлвырд планмæ  абаргæйæ  рæщзы  2 016,1 млн ларийæ).

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  парламенты  пресскуыст.