Парламенты рæстæгмæ фæдагурæн къамисы хатдзæг адæмæн фехъусын кæндзысты 2019 азы сентябры
Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон комисы хатдзæгы проект абон æхсæнадæн нæ рапарахат уыдзæн – уый фæдыл кæронбæттæн рабадтыл комисы сæрдар Теа Цъулукиани расидтис.
Цъулукианийы ныхасмæ гæсгæ, хатдзæг æхсæнадæн раргом уыдзæн сентябры.
Уымæй дарддæр ма, къамисы сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй абоны рабадтыл къамисы уæнгтæ æруынаффæ кæндзысты хатдзæджы проектыл æмæ йæ уый фæстæ сфидар кæндзысты.
«Æхсæнад, æвæццæгæн, тынг цымыдис кæны процессуалон фарста.Камисы уæнгты раисдæн хъуыдыты фæстæ ацы хатдзæгы проект абон хъæлæсæппæрстмæ рахæсдзыстæм, фæлæ хатдзæг абон æхсæнадæн нæ раргом уыдзæн.
Процедурæ у ахæм. Нæ куысты æмгъуыд фæуыдзæн райсом, фыццæгæм августы, æхсæз мæйы фæстæ. Фæнды мæ адæмæн зæгъын, æхсæз мæйы нæ къамис æрхъуыдыгонд кæй нæу. Фæткхалæнты масштаб, тынг стыр фыдракæндты масштаб, афтæ стыр у, æмæ адæймаг æнæмæнгæй ахъуыды кæндзæн, цæмæн æхсæз мæйы фаг у ацы темæ фæуынæн, фæлæ уый махæй аразгæ нæу. Закъон нæ хæсджын кæны, цæмæй æхсæз мæйы æмгъуыдмæ нæ куыст бакæнæм. Уый тыххæй дæр нæ æххæстгæнæн æмгъуыд сом фæуыдзæн æмæ ацы хатдзæг æрвыст æрцæудзæн Гуырдзыстоны парламенты разамонæг органмæ, кæцы парламенты бюро у. Бюро снысан кæндзæн пленарон рабадт, кæцыйы мах, къамис, бавдисдзыстæм ацы хатдзæг. Æнхъæл стæм, уый кæй уыдзæн сентябры фыццаг бонты. Уæд хатдзæг адæмæн фехъусын кæндзысты Парламенты пленарон æмбырды. Уыимæ ма ацы хатдзæгыл уыдзæн лæмбынæг ныхас. Уымæн æмæ ацы хатдзæг Гуырдзыстоны парламент хъуамæ байхъуса. Цалынмæ ацы хатдзæг нæ фехъуса, уæдмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн нæ бон нæу ацы хатдзæгыл æртыккаг фарсытимæ æнæ уыдонæй æруынаффæ кæнын. Ахæм у фæтк. Мах абон æрæмбырд стæм, цæмæй сбæлвырд кæнæм, хъуыдытæ кæрæдзийæн баивæм», – расидтис Теа Цъулукиани.
Уымæй дарддæр ма, рабадты райдайæны, Теа Цъулукиани бамбарын кодта, цавæр темæтæм хаудзæн рæстæгмæ фæдагурæн комисы хатдзæг.