Парламенты рабадтыты залы æрцыд инцидент. Пленарон сессийы цыды рæстæджы, иуæй-иу æмбæстаг райтыгъдта баннер фыстæй – «Уырыссаг закъонæн – нæйы».
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фæнысангонд инциденты хъыгагæй схуыдта.
Уый фæстæ пленарон сессийыл «ахуырады гъæд стынг кæныны фæдыл» закъонопроекты дыккаг каст райдыдта, фæлæ залы хъæлæбайы тыххæй, урæд æрцыд. Фылдæрты æмæ оппозицийы минæвæрттæ кæрæдзимæ фæбыцæу сты.
«Бæрæг у, чи уыдис уыцы æмбæстаг, адекватон адæймаг нæ уыдис, фæлæ ууыл ныхас кæнын кæрон скæнæм. Коллегæтæ, басабыр уæм, æмæ нæ зæрдыл дарæм закъондæттæг органы кæй стæм æмæ закъонопроект куы хъуамæ æркæсæм. уый. Коллегæтæ. уый йас ма бакæнут, цæмæй фæзына гуырысхо ома уæ организацигонд уыд цы æрцыд уый», – баздæхтис сæм Папуашвили.
Уый фæстæ паралменты сæрдар æрдæгсахатон улæфты тыххæй райхъусын кодта æмæ сессийы сног кæныны онг снысан кодта бюройы рабадт.