Парламенты процедурон фарстатæ æмæ регуляцийы комитет йæ фарсыл рахæцыд парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» 12 уæнгæн йæ æххæстбарты фæурæдæн
Парламенты процедурон фарстатæ æмæ регуляцийы комитет йæ фарсыл рахæцыд парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» 12 уæнгæн йæ æххæстбарты фæурæдæн

Гуырдзыстоны парламенты процессуалон фарстатæ æмæ уагæвæрды комитет йæ фарсыл рахæцыд парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» 12 уæнгæн йæ æххæстбарты фæурæдæн.

Бацæттæ сты æмбæлон уынаффæты проекттæ, кæцытыл æруынаффæ кæндзысты Парламенты пленарон æмбырды.

Комитеты сæрдар, Давит Матикашвилийы ныхасмæ гæсгæ, фæнысангонд парти Централон æвзарæнон комисæн йæ номхыгъд нæ радта æмæ йæ 12 уæнг уæддæр нымад цыдысты Гуырдзыстоны парламенты уæнгтыл, фæлæ йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, ацы партийы уæнгтæ парламенты рабадтмæ нæ цыдысты.

Уагæвæрдмæ гæсгæ, иннæ сессийы æрдæгæй фылдæр æнæбындурон аххосагæй фæцух кæныны цауы, парламенты уæнгæн йæ æххæстбартæ фæурæды фарст æвзæры.