Парламенты пленарон рабадтыл 2019 азы паддзахадон бюджеты ивдтытыл фæуынаффæ кæндзысты
2019 азы паддзахадон бюджеты фæдыл Гуырдзыстоны закъонмæ ивдытытæ бахæссыны фæдыл абон Гуырдзыстоны парламенты пленарон рабадтыл фæуынаффæ кæндзæн.
Ивдытыты проектæй, Гуырдзыстоны президенты администрацийы бюджет 2.2 милуан ларийæ, 8.2 милуан ларийы онг рæзы. Уыйимæ иумæ, рæзы хицæн министрадты хардзты бæрæггæнæнтæ дæр.
Бæрæг у, оппозици бюджеты проектæн йæ фарс кæй нæ рахæцдзæн. Парламентон къаддæрты уæнгты ныхæстæм гæсгæ, бавдыст ивдтытæ зæгъгæ, ларийы фæасламы рискъ ноджы фылдæр райрæзын кæндзæн.
Хъауджыдæргонд у хицаугæнæг балы позици. Фылдæрты уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ фæнысангонд ивдтытæ бæстæйæн знаггадгæнæг нæ уыдзысты.