Парламенты пленарон рабадт сом ацæудзæн.
Райсом 11:00 сахатмæ нысангонд у бюрой рабадт, цæй фæстæ дæр 12:00 сахатыл пленарон рабадт райдайдзæн.
Регламентмæ гæсгæйæ, æртыццæджы ацæудзæн политикон дебаттæ, стæй та, фарстæты каст уыдзæн. Парламент фæззыгон сесси 7 сентябры бакодта, цæй фæстæ дæр хæдуынаффæйы æвзæрстыты тыххæй, пленарон рабадтытæ нал уыдис. Райсомы бюройы рабадтмæ бавдыст уыдзæн 2022 азы паддзахадон бюджеты проект дæр.