Парламенты иудадзыг делегаци ацыд НАТО-йы парламентон ассамблейы уалдзыгон сессимæ
Гуырдзыстоны парламенты иудадзыгон делегаци АИШ-мæ НАТО-йы парламентон ассамблейы хайад райсынæн ацыд.
НАТО-йы парламентон ассамблейы уалдзыгон рабадт Дейтоны, Огайойы штаты, 22-26 майы сырæздзæн.
«НАТО-йы парламентон ассамблейы уалдзыгон рабадт у нысаниуæгджын парламентон платформæ Гуырдзыстонæн, цæмæй бавдиса Гуырдзыстоны позици регионалон æдасдзинады фарстаты фæдыл» – райхъусын кодта иудадзыг делегацийы сæрдар æмæ парламенты ахуырады, зонады æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Гиви Микъанадзе.
Уалдзыгон сессийы боны фæткмæ гæсгæ, æдасдзинады фарстатыл, кæцытæн ис дунеон æмæ регионалон нысаниуæг. Сæрмагонд хъусдард Сау Денджызы регионмæ æмæ Украинайы цæугæ Уæрæсейы æфсæддон агрессимæ уыдзæн здæхт. Сессийы рæстæджы Европарламенты минæвæрттæ афтæдæр æруынаффæ кæндзысты демокративон æнæфæцудгæдзинады фæтыхджындæр кæныны фæндæгтыл æмæ Дейтоны сабырадон бадзырды 30 азы сæрмæ Балканы регионы цы прогресс баххæсыд, уымæ æркæсдзысты.
Парламентон делегацийы сконды сты: Евроинтеграцийы комитеты сæрдар Махашвили Леван æмæ æттаг ахастыты комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Мариам Лашхи.