Парламенты фæззыгон сесси Шовы фæмардуæвджыты ном ссарынæй минутон æнæсдзырдæй райдыдта
Гуырдзыстоны парламент фæззыгон сессийы размæ Шовы фæмардуæвджыты нæмттæ ссардта минутон æнæсзырдæй.
Парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, зæгъæг бæстæйы 3 августы стыр трагедий æрыййæфта. «Нæ бæстæйы цæугæ азы 3 августы стыр трагеди æрыййæфта. Махæн сегасдæр уарзон æмæ дзæнæтау аив ран æрцыд егъау стихи, кæцы нæ æмбæстæгты цард ахаста, сæ нымæцы сывæллæтты æмæ сылгоймæгты. Фæнды мæ ноджы иу хатт тæфæрфæс ракæнын фæмардуæвджыты бинонтæн, ам ныхæстæ æвæццæгæн уæлдай сты» – райхъусын кодта Папуашвили.
Шовы 3 августы сыджытлæсæн рацыд. Стихийы зонæйы 31 мардыбуар ссардтой, дыууæ æмбæстагы ацы рæстæгмæ агурынц.