Парламенты евроинтеграцийы комитет Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы фæдыл бацæттæгонд резолюцийы проектæн йæ фарсыл рахæцыд
Парламенты евроинтеграцийы комитет Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы фæдыл бацæттæгонд резолюцийы проектæн йæ фарсыл рахæцыд
Комитеты абоны рабадтыл резолюцийы проектæн йæ фарсыл рахæцыдысты опозицийы бæрнонтæ, се æхсæн «Националон змæлд», «Стратеги Агъмашенебели» æмæ «Гирчи» -ы уæнгтæ.
Опопзицийы бæрнонтæ банысан кодтой, цæмæй резолюцийы скондыл разы сты. Фæлæ цæмæй документ документæй ма баззайа, æнæманг у конкретон план, цы рæстæджы, цы хъуамæ сырæза æмæ уый фæдыл парламентон контрол хъуамæ сыххæст уа.
Резолюцийы проект 13 пунктон у, кæцы Евроцæдисы уæнг бæстæты æмæ Евроцæдисы институтты, афтæ дæр Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды, авæрой алы æнæманг къахдзæф, Гуырдзыстоны Евросоюзмæ райсты батагъдæн.