Парламенты, деолигархизацийы фæдыл Еврокомиссийы бавдыст рекомендациты сыххæстыл куыстмæ рывнæлдтой
Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Евроцæдисы бæлвырд 12 пунктæй -5æм пункты – деолигархизацийы сыххæсты фæдыл парламнтон политикон партиты минæвæрттимæ фембæлдис.
Парламенты пресс-куысты ахæлиугонд информацийæ, фембæлдыл деолигархизацийы фæдыл Украинайы хаст закъоны фæдыл уынаффæ ацæудзæн.
«Деолигархизацийы фарста Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Укрнаинайы тыххæй, ис рекомендациты. Украинайы цауы, рекмендациты дзырдæуы уæвæг закъоны имплементацийыл, уымæн æмæ Украинайы ацы закъон хаст уыд ивгъуыд фæззæджы æмæ æрмæст цæугæ азы зæрдæвæрæны скуыста. Уый тыххæй, рекомендаци у имплементаци скæнын. Уымæ гæсгæ дæр нæ бон у фенхъæлын, цæмæй цæуыл ис гæнæн дзырдæуа нæ рекомендацийы цауы. Афтæма æркастыстæм украинаг закъон, йæ принциптæ, куыд архайы æмæ дзы цы домæнтæ ис» райхъусын кодта фембæлды фæстæ Шалва Папуашвили.
«Политикон къорд «Æмбæстæгты» сæрдары, Алеко Элисашвилийы фидиуæнæй, украинаг закъоны комкоммæ рахæссын гæнæн нæй, уымæн æмæ уым бирæ аиппытæ ис.
«Украинайы хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады совет исы уынафæ чи у олигарх æмæ ацы совет скуыддзаг кæны, бахæссой иу кæнæн æндæр адæймагы олигархты реестрмæ. Уый тынг зынæмбарæн у. Афтæма, паддзахадон гæстæн тобæгонд у олигархтимæ коммуникаци, кæцыйы бамбарын афтæдæр зын у. Ацы коммуникаци куы басусæг кæной, уæд æй чи контрол кæны? Цымидисон уыдаит, Венецийы комиссийы хатдзæгмæ байхъусын. Ныр æрныхас кодтам цæмæй с нæ хъуыдытæ сын базонын кæндзыстæм. Мæ позхици у, цæмæй гуырдзиаг реалондзинадыл скæнæм ацы закъон» – банысан кодта Алеко Элисашвили.
Политикон къорд «Европаг Социалистты» сæрдр Придон инджиайы фидиуæнæй, гуырдзыстоны ацы закъоны райсын нæхъуаджы у, кæд æндæр закъонтæ иууылдæр сыххæст уыдзысты уæд.
Политикон къорд «Гирчийы» уæнг Херман Сабойы фидиуæнæй, украинаг закъон тынг бирæ цæстæнгасæй у сахъатджын æмæ йыл Венецийы комисси нырма аргълæвæрд дæр нæ сарызта.
«12 пункты сты уыцы æрдæм, цæмæй фæъкаддæр кæнæм хицауады вертикаль. Ацы закъонæй та, ноджы тынг дæр кæнæм хицауады ахадындзинад æмæ фидæн хицæуæдтæн сæ бон уыдзæн, оппозиционерты ацы закъонæй цыдæр проблемæты бафтауой. Уый тыххæй кусæн къорды нысан хъуамæ уа структурон ивддзинæдтæ æрцæттæ кæнын, кæцы ацух кæндзæн иугоймагон хицаудзинад. Мах деолигархизацийыл банымайдзыстæм уый, кæд æмæ хицауад æрдзон барьер æмæ æххæстæй пропорцион æвзæрстытыл сразы уа уый. Афтæмæй æвзæры бындур, цæмæй фидæны, олигархион хицаудзинад маруадзæм» – банысан кодта Херман Сабо.
Деолигархизацийы фæдыл Еврокомиссийы бавдыст рекомендацийы сыххæсты процессæн къухдариуæг кæндзæн, парламенты юридикон фарстаты комитет æмæ комитеты сæрдар.