Парламенты цур митингы хайадисджыты ныхмæ пъæлицæйæгтæ пайда кæнынц доны топпытæй
Пъæлицæ ацы рæстæгмæ парламенты цур митингы хайадисджыты ныхмæ доны топпытæй пайда кæны.
Уый размæ Мидхъуыддæгты министрад сæрмагонд хъæлæсон сигналæй бафæдзæхста митингы архайджыты æмæ сæм фæсидт, цæмæй апырх уой.
Парламенты цур æрымбырдуæвджытæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» абоны æскъуыддзагыл протест кæнынц æмæ хъусын кæнынц, цæмæй хицауад фæстагмæ йæ къух систа бæстæйы европон курсæй.
Митингы хайадисджытæ домынц бæстæйы ногæй æвзæрстытæ ауадзын.