Парламенты цур барадхъахъхъæнджыты æмæ  акцийы  хайадисджыты æхсæн чысыл  инцидент æрцыд
Парламенты цур барадхъахъхъæнджыты æмæ акцийы хайадисджыты æхсæн чысыл инцидент æрцыд

Парламенты цур территорийыл барадхъахъхъæнджыты æмæ  акцийы  хайадисджыты  æхсæн  быцæудзырд уыд. Акцийы   хайадисджыты фæндыд  территоримæ  «линолиумæй» цы хонынц  уый бахæссын  цæй  бар сын  патрулон пъæлицæйы  кусджытæ нæ раттой.  Чысыл  быцæудзинады фæстæ  акцийы  хайадисджытæ  линолиум территоримæ  уæддæр бахастой.

Митинггæнджытæ куыд  загътой афтæмæй,  сæ линолиум хъуыдис цатыры мидæг байтауынæн.

Гуырдзыстоны  парламенты раз  ацы рæстæгмæ 14  халагъуд у æвæрд. Активистты дзырдæй,  зæгъгæ  закъондæттæг  органы цур,  цатырты  нымæц фылдæр  кæндзæн æмæ  нæ цух кæнынц  уый дæр, цæмæй  цатыртæ   бахъуаджы цауы  Руставелийы проспектыл дæр сывæрой.

Акцийы хайадисджытæ  домынц  æмгъуадагъоммæ  æвзæрстытæ  снысан кæнын æмæ политахæстты  ссæрибар кæнын. Активисттæ куыд дзурынц  уымæ гæсгæйæ,    зæгъгæ  акцитæ уæдмæ  дарддæр кæндзысты цалынмæ  нæ сыххæст уыдзысты сæ æркуырдтæ.