Гуырдзыстоны парламенты 1921 азы Уæрæсейы æфсады ныхмæ Коджор-Табахмелайы цур хæсты фæмардуæвæг юнкерты ном арыны бонмæ нывонд мадзал цæуы.
Парламенты бæстыхайы кæрты уæвæг кувæндоны юнкерты номыл панихиде ацыд, кæцыйыл уыдысты парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе, Гуырдзстоны президент Саломэ Зурабишвили, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ хицауады уæнгтæ.
Афтæдæр, мадзалыл сты юнкерты цот, цухъхъадарджытæ æмæ цытджын уазджытæ.
Мадзалы байгом кодта парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Сесиашвили. Афтæма æрымбырдуæвæг дзыллæмæ арфæйы ныхасæй базæхтысты Арчил Талакъвадзе, Саломэ Зурабишвили , Гиорги Гахариа æмæ Ираклий Гъарибашвили.
Сесиашвили мадзаоы агъоммæ журналисттæн куыд загъта афтæмæй, 1921 азы гуырдзиаг юнкертæ сæрмагонд царды аргъæй хæцыдысты æмæ баиргъæвдтой Тбилис æмæ æнæфенгæ æхсардзинад равдыстой. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгхгæ фидæн фæлтæртæн раттой фыдыбæстæйæн хинывонд кæныны диссаджы дæнц.