Парламенты бюройы уынаффæйæ, «фæсарæйнаг агенты регистрацийы фæдыл» закъонопроект æркæсынмæ лæвæрд уыд комитеттæм
Парламенты бюро абоны рабадтыл ног закъондæттæн инциативæйы – «фæсарæйнаг агентты регистрацийы фæдыл» закъонопроекты дарддæры æркæсынмæ акæнæг æмæ æнæмæнгхъæугæ комитетæ сбæрæг кæныны фæдыл уынаффæ рахаста.
Закъонопроекты автортæ фылдæртæм бацæуæг «Халхис Дзалайы» депутаттæ: Созар Субари, Димитри Хундадзе, Михеил Хъавелашвили, Гурам Мачъарашвили, Дачи Бераиа æмæ Виктор Джапаридзе сты.
Закъонопроекты инциаторты номæй парламенты афтæдæр инициргонд у «фæсарæйанг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект. Фæнысангонды тыххæй парламенты уæнг «Халхис Дзалайы» минæвар Эка Сепашвили æмбарынгæнæн сарызта.
«Уый тыххæй, цæмæй æхсæнады хъуыдыты хъауджыдзинадис æмæ арæх сты спекуляцитæ, фæнды мæ хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй ацы вариант кæцыйы мах уæлæмхасæй бавдыстам, куыд альтернативон вариант, у америкаг æмбæлгæ закъондæттынады дырыс тæлмац. Ам æй регистрацийы уый тыххæй ауагъдтам, цæмæй æхсæнадмæ уа фадат, дыууæ закъонопроект комитетыл хъусыны рæстæджы кæрæдзиимæ сбара æмæ йæ бауырна цас хуыздæр у мах фыццаг цы вариант бавдыстам уый», – райхъусын кодта Эка Сепашвили.
Афтæма йæ дзырдæй, фембæлд йын уыд фылдæрты къухдариуæгадимæ æмæ æрныхас кодтой, цæмæй дыууæдæр закъонопроекты фыццаг хъусынæй, принципты æмвæзадыл райсдзысты, стæй дыууæйы дæр арвитдзысты Венецийы Комиссимæ хатдзæг скæнынмæ, кæцыйы рекомендацитæм æмбæлгæйæ, кæнæ иу, кæнæ дыккаг варианты райсдзысты.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.