Парламенты бюромæ фысгæ афæдзон хыгъдлæвæрд  бавдыст уыдзæн абоны рабадтыл
Парламенты бюромæ фысгæ афæдзон хыгъдлæвæрд бавдыст уыдзæн абоны рабадтыл

Гуырдзыстоны  парламенты бюройы  абоны  рабадтыл   фысгæ  формæйæ  бавдыст уыдзæн   хицауады  афæдзон  хагъдлæвæрд, кæцыйы фæдыл  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвилийы   закъондæттæг   органы  раз раныхас  30   июны  ацæудзæн.

Æххæстгæнæг  хицауады  бацæттæгонд   хыгъдлæвæрд  164  фарсджын у. Документы  банысангонд у, цæмæй  хицауадон   программæйæ  б бакуыст нысæнттæм æмбæлгæйæ,  Гуырдзыстоны  хицауад  фидар  фæцæуы  бæстæйы демократон   райрæзты  бонвæткæй  æмæ  глобалон   быцæусидтыты фоныл, æххæст  кæны  сабыр æмæ   прагматон  политикæ.

Хицауады  æрдгæй    парламентæн   хыгъдлæвæрды  бавдисын  йæ  хуъыдыйы  дары регламент.  Процедурæмæ гæсгæйæ,   хицауад  закъондæттæг  органмæ, документы фыццаг   июны онг хъуамæ  бавдиса. Йæхи  æрдгæй   парламент, хыгъдлæвæрды  уалдзæгон сессийы   июны  кæронмæ  байхъусы.