Парламенты  бюройы  уынаффæйæ, «фæсарæйнаг  агенты  регистрацийы фæдыл» закъонопроект  æркæсынмæ лæвæрд уыд   комитеттæм
Парламенты бюройы уынаффæйæ, «фæсарæйнаг агенты регистрацийы фæдыл» закъонопроект æркæсынмæ лæвæрд уыд комитеттæм

Парламенты  бюро абоны рабадтыл  ног закъондæттæн  инциативæйы – «фæсарæйнаг агентты   регистрацийы фæдыл» закъонопроекты  дарддæры æркæсынмæ  акæнæг  æмæ  æнæмæнгхъæугæ  комитетæ  сбæрæг кæныны фæдыл   уынаффæ рахаста.

Закъонопроекты  автортæ  фылдæртæм бацæуæг  «Халхис Дзалайы» депутаттæ: Созар Субари, Димитри Хундадзе, Михеил Хъавелашвили, Гурам Мачъарашвили, Дачи Бераиа  æмæ Виктор Джапаридзе  сты.

Закъонопроекты инциаторты номæй  парламенты афтæдæр инициргонд у  «фæсарæйанг æндæвдады  æргомдзинады фæдыл»   закъонопроект. Фæнысангонды тыххæй   парламенты уæнг  «Халхис Дзалайы»   минæвар Эка  Сепашвили   æмбарынгæнæн сарызта.

«Уый тыххæй,  цæмæй æхсæнады хъуыдыты   хъауджыдзинадис æмæ арæх сты  спекуляцитæ,  фæнды мæ  хаххгондæй  банысан кæнын, цæмæй  ацы вариант  кæцыйы мах уæлæмхасæй   бавдыстам, куыд альтернативон вариант, у америкаг æмбæлгæ  закъондæттынады  дырыс  тæлмац.  Ам æй регистрацийы  уый тыххæй  ауагъдтам,  цæмæй  æхсæнадмæ  уа фадат, дыууæ  закъонопроект   комитетыл хъусыны рæстæджы   кæрæдзиимæ сбара  æмæ йæ бауырна цас хуыздæр у  мах фыццаг цы вариант бавдыстам уый», – райхъусын кодта Эка Сепашвили.

Афтæма йæ дзырдæй,  фембæлд йын уыд  фылдæрты  къухдариуæгадимæ  æмæ  æрныхас кодтой, цæмæй дыууæдæр  закъонопроекты  фыццаг  хъусынæй,  принципты æмвæзадыл райсдзысты, стæй   дыууæйы дæр    арвитдзысты Венецийы Комиссимæ   хатдзæг скæнынмæ, кæцыйы  рекомендацитæм æмбæлгæйæ, кæнæ иу, кæнæ дыккаг варианты райсдзысты.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  парламенты  пресс-куыст.