Парламенты бюро «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзнады фæдыл» закъонопроекты æмæ альтернативон проектты кæсыны процедурæйыл фæуынаффæ кодта
Парламенты бюро ног закъондæттæн инициативæтыл фæуынаффæ кодта. Сæ нымæцы ис фракци « Картули Оцнебайы» бавдыст закъонопроект «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» кæцыйы æркæсдзæн юридикон комитет.
Парламенты бюройы рабадты акæнæг Гиорги Вольски куыд райхъусын кодта афтæмæй, фæнысангонд закъонопроекты фæжы парламентон оппозицийы минæвæрттæ альтернативон закъонопроекттæ бавдыстой. Альтернативон закъонопроекттæ дыууæ заъкондæттæн пакетæй иницииргондсты.
Парламенты бюройы рабадтыл оппозицийы æрдгæй разагъдæуыд хъуыдытæ, цæмæй куыд сæйраг, афтæ альтернативон закъонопроекттæ æнæрмæст юридикон комитеты, фæлæ ма алы комитеты уа кастгонд.
Президенты парламентон нымæрдар Гиорги Мсхиладзейы фидиуæнæй, «Картули Оцнебайы» бавдыст закъонопроекты бюройы рабадтыл регистрацийы æппын ма хъуамæ ауадзой.
Юридиокн фарстаты комитеты сæрдар Анри Оханашвили куыд банысан кодта, афтæмæй комитет закъонопроектты майрæмбоны, 12 апрелы æркæсдзæн.