Парламенты уынафæ кæнынц æвзарæнон реформæйыл. Кусæг къорд абон цыппæрæм рабадт уадзы, кæцыйыл хъуамæ фæуынаффæ кæной закондæттæн ивддзинæдтыл. Абоны рабадты хайад нæ исы «Æвзонг Юристты Ассоциаци».
Уый æфсонæн æрхастой бæстæйы сырæзт политикон уавæр æмæ рабадты ахæссын æркуырдтой.
Рабадты хайад исынц адæмон барты хъахъхъæнæгы аппараты æмæ «Бирæнацион Гуырдзыстоны» минæвæрттæ. Кусæг къордæн цæттæ у ивддзинæдты фыццагон верси, кæцы йæ хъуыдыйы дары æвзарæнон администрацийы ногæй саразын, æвзарæнон фадгуыты алыварс радиус сбæрæг кæнын, хъæлæскæныны процедурæты электронон системæмæ ахизын æмæ хæдуынаффæйы æвзæрстытыл фылдæр пропорцион системæ æрбайсын.
Кусæг къорд ивддзинæдты иницир кæнын хъавы фыццаг мартмæ.