Парламенты абон æнхъæлмæ кæсынц æнæнизхъахъхъæды министрмæ. «Министры сахаты» фæлгæтты Экатерине Тъикъарадзе сессийыл йæ уагдоны куысты фæдыл хыгъдлæвæрд бавдисдзæнис æмæ депутатты фарстытæн ратдзæн дзуапп.
Цæстдарæг функцийы фæлгæтты закондæтджыты фарстытæ фылдæр уыдзысты пандемийы æмæ уымæй равзæргæ проблемæты фæдыл.
Партиты «Гирчи», «Æмбæстæгтæ» æмæ «Европаг Социалисттæй» хъауджыйæ, пленарон рабадтмæ бацæуын нæ хъавы Шарль Мишелы документыл къухбафыссæг оппозицийы фылдæры хай.