Æддæ ахастыты æмæ, диаспорæ æмæ Кавказы фарстаты парламентон комитетты иугонд рабадтыл абон, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдызстоны паддзахадон министрмæ, Кетеван Цихелашвилимæ хъусдзысты. Сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм», «Базара баахъаз кæнын дихгæнæг хаххыты дæргъмæ», – адон уыцы фарстатæ сты, кæцыты фæдыл фæныхас кæндзæн Кетеван Цихелашвили.
«Ма хъуамæ бауромæм уыцы стратегион ардæмад, кæцы хуыйны «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». Цыфæнды провокацитæ уа Гуырдзыстоны нæ мидæгон кæнæ æддæ провокаторты æрдгæй, ма хъуамæ бауромæм ацы стратеги. Хъуамæ æркæсæм алы ардæмад, кæцы хуыйны Уæрæсейы демокративон дзыллæйы хъусдард нæхимæ раздахын, цæмæй цавæр фыдбылызтæ æвзæрын кæны сæ хицауад, кæцы хуыйны æхсæнадон ахастыты райтынг кæнын, Уæрæсеимæ уыдзæн, абхазæгтимæ æви ирæттимæ, кæцытæ оккупацигонд территорийыл цæрынц, уый у нæ рард, раст план. Ацы планы фарсхæцæг сты нæ партнер фæрстæтæ æмæ цивилон дуне. Ацы темæмæ гæсгæ цы этапыл ис, цы аразæм, цы план кæнæм, уый æппæты тыххæй абон хъуамæ æрбацæуа Кетеван Цихелашвили æмæ нын радзура», – райхъусын кодта парламентон фылдæрты лидер, Гиа Вольский.
«Европаг Гуырдызстоны» уæнгы, Гиги Цъеретелийы фидиуæнæй, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министрмæ, оппозицимæ сæйраг фарстытæ уыдзæн Атъоцы цæугæ фæзындтæм гæсгæ.